Ӕрхӕццӕ нӕм Джеоргуыбайы кадджын бӕргбон, ӕмӕ уӕ йӕ хорзӕх уӕд! Уастырджимӕ кувӕн къуыри у нӕ сӕйрагдӕр ӕмӕ уарзондӕр бӕрӕгбӕттӕй иу. Джеоргуыба кӕрӕдзиуыл ӕнгом бӕтты нӕ районы ӕмӕ республикӕйы цӕрӕг адӕмы хӕттытӕ, фидардӕр кӕны нӕ иудзинад ӕмӕ хӕлардзинад. Къуырийы дӕргъы ӕппӕт Ирыстоны цӕрджытӕ ӕмӕ зӕххы къорийы ирон адӕм кувдзысты ирон бӕгӕныйӕ ӕртыгай чъиритӕ. Хуыцау ӕмӕ Уастырджийыл фӕдзӕхсдзысты сӕ бинонты, сӕ кӕстӕрты, курдзысты фарн ӕмӕ амонд, бӕркад, ӕнӕниздзинад ӕмӕ сабырдзинад. 📲ЧП Владикавказ в MAX
- 230
- 115
- 14
- 6
- 4
- 3